Бритайнаг Медиа – «Консервативон партийы» лидеры равзарæн марафоны, гæнæн ис  хайад райста Британиы раздæры премьер-министр Борис Джонсон
Бритайнаг Медиа – «Консервативон партийы» лидеры равзарæн марафоны, гæнæн ис хайад райста Британиы раздæры премьер-министр Борис Джонсон

Британийы «Консервативон Партийы»  лидеры   равзарæн марафонмæ гæнæн ис, Британийы раздæры премьер-министр, Борис Джонсон баиу уа.

Бритайнаг рауагъдадтæ «Таймс» æмæ «Дейли Телеграф»  хъусын кæнынц  информаци, ома Борис Джонсон  кæцы «Консервативон   Партийы»   лидеры  пост цæугæ азы  июлы, скандалты фæстæ ныууагъдта,  бæрзонддæр    пост бацахсынмæ цæттæ кæны.

Бритайнаг медиайы  информацийæ,  Джонсон нымайы,  цæмæй уый «Националон нысаниуæгы» фарста у.

Лидеры сывзæрсты  раст фæткæвæрд нырма  бæрæг нæу.  Хæлиу кæны информаци, ома  консерватортæ гæнæн ис  иу кандидатыл æрныхс кæной.

Стыр Британийы премьер-министр, Лиз Трас  куыстуæгъды фæдыл  фидиуæн абон сарызта.