Борис Джонсон  Украинайы Радайы  дзырдæй  ралæудзæн
Борис Джонсон Украинайы Радайы дзырдæй ралæудзæн

Стыр Британийы  премьер-министр Борис Джонсон абон   онлайнрежимы  Украинайы  бæрзонддæр Радæйы  раз дзырдæй ралæудзæн.

Бритайнаг  медийы  хъусинагæй,  Борис Джонсон уыдзæн фыццаг дунеон лидер, кæцы хæст райдаыны фæстæ  Украинайы  парламенты раз  дзырдæй ралæудзæн.

Æнхъæлмæкæсинаг куыд у афтæмæй,   Борис Джонсон  Украинайæн  375 милуан  доллары бæрц  ног æфсæддон  æххуысы  пакет рахицæн кæныны фæдыл райхъусын кæндзæн.

Бакой уын кæндзыстæм, Стыр Британийы премьер-министр Украинайы  сæйраг горæты  апрелы  райдайæны  уыд.