Бæрнон уагдонмæ куыд æмбæлы афтæ, мидхъуыддæгты мнистрад йæхи хæсджыныл нымайы, Звиад Девдарианийы хъуыддагыл фæд æвзарын райдаын – Уый фæдыл МХ министры хæдивæг, Натиа Мезвришвили райхъусын кодта Фыццаг Къаналы алæвæрды «Актуалон темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».
Мезвришвили куыд бансан кодта –афтæмæй, ацы фактмæ гæсгæ, МХМ-мæ официалон куырдиат нæ бацыд, фæлæ интернеты ахæлиугонд информаци дæтты уывй бындур, цæмæй уагдон хъуыддаг рæгъмæ рахæсса.
«Бацахуыр кодтам алы фидиуæн, кæцы интернеты фæзынд. Æнæкæсгæ уымæ æмæ конкретон уæнгтæ МХМ-мæ не æрбахъаст кодтой, фæбæрæг сты фыдракæнды нысæнттæ, кæцыйы тыххæй фактонæй ист æрцыд скуыддзаг, ацы факты фæдыл МХМ æрывнала фæдæвзарæнмæ» – райхъусын кодта Мезвришвили.
Сылгоймæгты змæлды минæвæрттæ, Æхсæнадон Телеунынады æвджиддар советы уæнгтæм адæмон хъахъхъæнæгы бавдыст кандидаты, æнæхицауадон организаци «Æмбæстагон рæзынады агентады» сæрдар Звиад Девдарианийы, сексуалон фæлгъуыды фæазымджын кодтой, кæцыйы тыххæй, уый йæ кандидатурæ систа.
Уыйимæ иумæ, абон «Æмбæстагон рæзынады агентады» къухадриуæгад, æмхъæлæсонæй сразы сты Звиад Девдарианийы куырдиатимæ йæ æххæстбартæй амгъуыдагъоммæ хи суæгъд кæныны фæдыл.