Звиад Девдарианийы  хъуыддагыл  МХМ райдайдзæн фæдæвзарæн
Звиад Девдарианийы хъуыддагыл МХМ райдайдзæн фæдæвзарæн

Бæрнон уагдонмæ куыд æмбæлы  афтæ, мидхъуыддæгты мнистрад  йæхи хæсджыныл нымайы, Звиад  Девдарианийы   хъуыддагыл фæд æвзарын райдаын – Уый фæдыл   МХ министры  хæдивæг, Натиа  Мезвришвили  райхъусын кодта Фыццаг Къаналы алæвæрды  «Актуалон темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».

Мезвришвили куыд бансан кодта –афтæмæй,   ацы фактмæ гæсгæ, МХМ-мæ официалон куырдиат нæ бацыд, фæлæ интернеты  ахæлиугонд   информаци дæтты уывй бындур, цæмæй  уагдон хъуыддаг рæгъмæ рахæсса.

«Бацахуыр кодтам  алы фидиуæн,  кæцы интернеты фæзынд. Æнæкæсгæ уымæ æмæ  конкретон уæнгтæ  МХМ-мæ  не æрбахъаст кодтой,  фæбæрæг сты   фыдракæнды  нысæнттæ,  кæцыйы тыххæй  фактонæй  ист æрцыд  скуыддзаг,  ацы факты  фæдыл МХМ æрывнала  фæдæвзарæнмæ» – райхъусын кодта Мезвришвили.

Сылгоймæгты  змæлды минæвæрттæ,  Æхсæнадон Телеунынады  æвджиддар советы уæнгтæм адæмон  хъахъхъæнæгы бавдыст    кандидаты, æнæхицауадон организаци «Æмбæстагон  рæзынады агентады»  сæрдар  Звиад Девдарианийы, сексуалон фæлгъуыды   фæазымджын кодтой, кæцыйы тыххæй, уый йæ кандидатурæ систа.

Уыйимæ иумæ,  абон  «Æмбæстагон  рæзынады агентады» къухадриуæгад,   æмхъæлæсонæй    сразы сты Звиад  Девдарианийы  куырдиатимæ  йæ æххæстбартæй  амгъуыдагъоммæ хи суæгъд кæныны фæдыл.