МХМ- Gallup публикаци скодта «законы æмæ сæрфады» æрвылазон глобалон индекс, кæцымæ гæсгæ дæр, 2022 азы хыгъдлæвæрдимæ абаргæйæ, Гуырдзыстоны индекс фæхуыздæри
Æхснадæмон иртасаг организаци «Gallup» публикаци скодта «законы æмæ сæрфады» æрвылазон глобалон индекс. «Gallup»-ы иртасæн 2022 азы 8 август -31 октябры периоды уыд уагъд æмæ комкоммæ интервьюйы методæй 1000 респонденты рафрастой- уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад публикаци кæны.
Уагдоны информацийæ, индекс бындурæвæрд у æндæр æмæ æндæр бæстæты уагъд рафарстыл, кæцыйы фæрцы аргъ скодтой адæймæгты сæрмгаонд æдасдзинадæн, куыд æдæрсгæйæ сты уый æнкъарæн æмæ се æууæнкы гъæд барадхъахъъхæнæг оргæнтыл.
«Иртасыны фæстиуджытæм гæсгæйæ, 2022 азы хыгъдлæвæрдимæ баргæйæ, ацы аз Гуырдзыстоны индес фæхуыздæр ис æмæ 87 баллы бæрц у. Гуырдзыстон, уымæн лæвæрд индексмæ гæсгæйæ, йæ фæстæ фæуагхдта ахæм бæстæты, цахмдæр сты: Франц, Итали, Австрали, Венгри, Бельги, Канадæ, Япони, Хорвати æмæ æнд. Афтæма ацы иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон бынат ахсы ахæм бæстæты фарсмæ, цахæмдæр сты Автсри, Нидерландтæ æмæ Гонг-Конг. Афтæма Гуырдзыстоны бæрæггæнæн æрмæст 1-2 баллæй ныллæгдæр у Германийы, Швецийы, Португалийы, Эстонийы æмæ Испанийы бæрæггæнæнтæй» – дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.