Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæрттæм æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты президентмæ оккупацион хаххыл уæвæг фæзындты фæдыл информаци æрцыд лæвæрд
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалиа æмæ Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæрттæ онлайн фембæлды фæлгæтты, цыбыр периоды оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты айтынггонд фæзындтæ афæлгæстой.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны пресс-куысты информацийæ, министры хæдивæг мæстыдзинад равдыста Уæрæсе æмæ йæ оккупацион режимты æрдгæй сæххæст провокациты тыххæй. Сæ нымæцы æндæр æмæ æндæр аразгæ барьерты фидар кæныны æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты скъæфты цаутыл. Ацы контексты бахахх ис цæф æмæ скъæфт Заза Гахеладзейы афтæдæр Хвича Мгъебришвилийы æмæ Бестауты Геннадийы цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, Женевæйы Гуырдзыстоны иугæндзонархайæг минæвар, Александре Маисурадзейы æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты (ICRC) президент Питер Муреры фембæлды сæйраг темæ уыд, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, æдасдзинады, адæймаджы барты æмæ гуманитарон цæстæнгасæй уæвæг уæззау уавæры æркæсын.
Фембæлды фæлгæтты, Питер Маурер хъусдард раздæхта Гуырдзыстонимæ уæвæг дæнцон æмкуысткæнынады æрдæм. Уый раарфæ кодта Гуырдзыстоны хицауадæн æмæ Гуырдзыстоны Сырх Дзуарæн «Ковид-19»-ы ныхмæ эффективон æмæ æнтыстджын тохы тыххæй. Фарсытæ æрныхас кодтой, Гуырдзыстон æмæ ICRC-ы æхсæн уæвæг æнгом ахастытæ фæарфдæр кæныны фæдыл.