Франкофонийы  парламентон ассамблейы   бюройы уæнгтæ  хъæу Одзисы, оккупацион хаххы цур   уыдысты
Франкофонийы парламентон ассамблейы бюройы уæнгтæ хъæу Одзисы, оккупацион хаххы цур уыдысты

Франкофонийы  парламентон ассамблейы  (APF) бюройы  уæнгтæ æмæ Гуырдзыстоны  парламенты  фылдæрты  уæнгтæ  Одзисы, оккупацион хаххы  цур уыдысты.  Паддзахадон æдадсзинады   куысты  минæвæрттæ  Франкофонийы   парламентон ассамблейы   президентæн, Франсис Друэнæн  æмæ бюройы   уæнгтæн Уæрæсейы Федерацийы сыххæст  оккупацийы  фæстиуджыты фæдыл информаци  базонын кодтой.

Ассамблейы  Гуырдзыстоны  парламентон делегацийы  къухдариуæгæй  Давит Сонгъулашвилийы фидиуæнæй,   Франкофонийы   парламентон ассамблейы   бюройы  уангтæ   бынатыл  æрзонгæ сты уавæримæ.

«Нысаниуæгджын у, цæмæй  сæхи цæстæй федтой   уæвæг уавæр.  Ныфс дарæм, цæмæй  ассамблеймæ бацæуæг  уæнгты  максималонæй фарсхæцын нын уыдзæн», –  райхъусын кодта Давит Сонгъулашвили.

Франкофонийы  парламентон ассамблейы  президент  Франсис  Друэн куыд райхъусын кодта афтæмæй,  зæгъгæ ассамблей йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн.

«Бынатыл  æрзонгæ стæм уавæримæ, кæцыйы  бынæттон цæрджытæ цæрынц,  кæцыты   арæх  аскъæфынц.  Федтам цы уавæрты  сты тыхыбын цæрын», –  райхъусын кодта Франкофонийы парламентон  ассамблейы   президент.