Гуырдзыстоны Сырх Дзуары къордтæ мобилизацигонд сты уæлвæтк уавæрты æмæ стихийы  фæстиуæгæн  зианбавзарджытæн баххуыс кæнынæн
Гуырдзыстоны Сырх Дзуары къордтæ мобилизацигонд сты уæлвæтк уавæрты æмæ стихийы фæстиуæгæн зианбавзарджытæн баххуыс кæнынæн

Гуырдзыстоны Сырх Дзуары   къордтæ  мобилизацигонд сты  уæлвæтк уавæрты æмæ стихийы  фæстиуæгæн   зианбавзарджыты æххуысæн.   Уый фæдыл дзырдæуы  Сырх Дзуары  æмæ Сырх æрдæгмæйы   æхсæнадæмон федерацийы  Европæйы  офисы  фидиуæны.

«Хурныгуылæн Гуырдзыстоны Шовы  районы  сыджытлæсæны фæстиуæгæн  дæсгай адæймаг  фесæфтис,  цалдæр та  амард.   Скуынæг сты фæндæгтæ æмæ  хидтæ.   Гуырдзыстоны Сырх Дзуары  къордтæ мобилизацигонд сты  уæлвæтк  уавæрты  æмæ  зианбавзарджытæн  баххуыс кæнынæн  фыццагон хъæуындзинады  æххуысæй, донæй æмæ æндæр  хъæугæ  дзаумайæ», – дзырдæуы  фидиуæны.