Тбилисы сæвæрдтой æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты мемориал

Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстæты падзахадон министр Тея Ахвледиани  æмæ   Гуырдзыстоны Сырх Дзуары  комитеты  къухдариуæггæнæг  Северин Шапаз  Тбилисы, Тамарашвилийы  аллейы  æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты   сæраппонд мемориал бакодтой. Мемориал  1990-æм азты  гарзджын архæйдтыты  æмæ 2008 азы  августы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты  фæстиуæгæн  фæтаруæвæг адæймæгты сæраппонд у.

Официалон  информацийæ, Гуырдзыстоны 1990-æм азты  гарзджын архæйдтыты  æмæ 2008  азы августы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæстиуæгæн  2 300-йæ фылдæр   адæймаг  нымад цæуы  æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл.