Тинатин Бердзенишвили – Украина, Гуырдзыстон уæ фарсмæ лæууы, Гуырдзыстон кæм ис  уым ис Фыццаг Канал дæр
Тинатин Бердзенишвили – Украина, Гуырдзыстон уæ фарсмæ лæууы, Гуырдзыстон кæм ис уым ис Фыццаг Канал дæр

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, Сырх Дзуаримæ иумæ, украинаг адæмæн фарсхæцынæн æмæ Украинайы  Æхсæнадон Уацхæссæгимæ солидарондзинады нысанæн, абон   хæрзгæнæгон марафон  – «Мах Украинайæн»  ауадздзæн.

Европæйы Уацхæссджыты  Цæдис у иугонд,  раздæр куыд нæ уыд афтæ –  ай у Æхсæнадон Уацхæссджыты  солидарондзинады акци  æппæт Европæйы,  марафон   Варшавæйы  райдыдта, абон Тбилис æмæ Прагæйы, стæй та Таллин  æмæ Бухаресты, афтæма  Европæйы  алы стыр горæты  хæрзæгæнæгон  марафонтæ ацæудзæн, нысан та иу у – украинаг адæмæн баххуыс кæнын.

Марафоны фæдыл  сидт ахæлиу кодта   Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы  генералон  директор  Тинатин Бердзенишвили:

«Украина, Гуырдзыстон уæ фарсмæ лæууы, абон Гуырдзыстон кæм ис,  уым ис Фыццаг Канал дæр,   раздæр куыд никуы, афтæ  абон хъæуы æххуыс украинаг адæмæн!  Абон, раздæр куыд никуы  уыдис, афтæ иугонд у Дуне.

Эпохалон   фæзындтæ рæстæджы  цæрæм, ацы  уæззау бонтæ,  махæн  иууыл ног, иттæг нысаниуæгджын истори у.

Абон нæ  комкоммæ эфир, солидарондзинады нысанæн  Украинайы Æхсæнадон Уацхæссæджы уацхæссæгон эфир у.

Ацы изæр Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  организацигондæй, Сырх Дзуаримæ иумæ  Украинайæн  æххуысы нысанæн   хæрзгæнæгон марафон ацæудзæн.

Солидарондзинады  марафон   Варшавæйы  райдыдта æмæ  Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæты  ацæудзæн.

Фыццаг Каналыл кусы 24 сахатон   тæвд хахх, Гуырдзыстоны уæвæг  украинаг адæмæн æххуысы нысанæн, æмбæстæгтæй  бирæ хъусинæгтæ нæм ис,  кæцытæ  цæттæ сты  реалон æххуысмæ,  абон алкæмæн дæр уыдзæн фадат  сæ хайбавæрд скæнын  солидарондзинады акцийы. Æрбафтгæ  суммæ Сырх Дзуары фæрцы æрвыст уыдзæн  хæсты рæстæджы   зианбавзарджытæн.

Уый у  иугонд æххуысы/солидарондзинады  акци Гуырдзыстоны æмбæстæгты номæй. Украина, Гуырдзыстон уæ фарсмæ лæууы, Гуырдзыстон кæм ис,  уым ис Фыццаг Канал дæр».