Сырх Дзуар Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгæн, Украинайæн фарсхæцыны тыххæй  арфæйы  грамотæ алæвæрдта
Сырх Дзуар Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгæн, Украинайæн фарсхæцыны тыххæй арфæйы грамотæ алæвæрдта

Сырх Дзуар Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгæн, Украинайæн фарсхæцыны тыххæй  арфæйы  грамотæ ратта.

Сырх Дзуары æмæ  Сырх Æрдæгмæйы  æхсæнады  вице-президент, Натиа  Лоладзе  арфæйы грамотæ  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон  директор Тинатин Бердзенишвилийæн  специалон мадзалыл  алæвæрдта.  Грамотæтæ  лæвæрд уыд компанитæм, кæцытæ 2022  азы  сеппæтæй егъау   донаци  ракодтой  Украинамæ Уæрæсейы  æбуалгъ бырсты  фæстиуæгæн  зианбаййафæг æмбæстæгтæн æххуысы тыххæй.

Тинатин Бердзенишвилийы дзырдæй,  зæгъгæ уацхæссæг 700 мин лари мобилизаци скодта, кæцы  Сырх Дзуары  фæрцы  уыд  лæвæрд украианаг фарсмæ.

«Бирæ аз у, ис нын   æмгуыстад  Сырх Дзуаримæ, фæлæ   Украинайы  хæсты  периоды,  нын цалдæр бонмæ бантысти   продуктивонæй  æмкуыст кæнын;  дыууæ  сахатмæ    æмбæстæгтæ æмæ  бизнессектор  700 мин лари   мобилизаци скодтой  гуманитарон  æххуысы   хуызæй, кæцыйы  Сырх Дзуары  фæрцы  алæвæрдтам  украинаг фарсæн.  Мæ хъуыдымæ  гæсгæ  нæ  дыууæ  организацийы  нысаниуæгджын  мотивацион   хай у  солидарондзинад кæцымæ  кæддæриддæр цæттæ стæм. Уырнæг дæн, ноджы  æнæиу проект сыххæст кæндзыстæм  иумæ», –  райхъусын кодта  Тинатин Бердзенишвили.