2023 азы Æхсæнадон Уацхæссæг сфысым кæндзæн Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы ног хабæртты ассамблейæн

Европæйы Уацхæссджыты  Цæдисы (EBU) 2023  азы ног  хабæртты  ассамблейæн  сфысым кæндзæн Гуырдзыстоны Æхсæнадон  Уацхæссæг.

Уынаффæ рахастой  Женевæйы,  радæй  æвддæсæм   ног хабæртты ассаблейыл.  Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы  бæстæтæ, фæдылдзог ассамблейы  Гуырдзыстоны  ауадзын халæппæрстæй   аскуыддзаг кодтой.

Æхсæнадон Уацхæссæджы  генералон   директор Тинатин Бердзенишвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   мадзалы  150-йæ  фылдæр  елегат  райсдзæн хайад  æмæ уымæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстон  райсдзæн уазджыты  Европæйы  56  бæстæйæ.

«Европæйы Уацхæссджыты  Цæдис иу кæны 125  уацхæссæгы 56  бæстæйæ  æмæ  кæддæриддæр стыр   конкуренци вæйыы,  сæ мадзалæн фысым кæныны  фарста  куы слæууы уæд.  Кæддæриддæр вæйы халæппæрст æмæ цæй зæгъын æй хъæуы  хайда  исы алы бæстæ.  Сæрмагондæй  нысаниуæгджын у   ног   хабæрттæ, уымæн  æмæ информирдзинад  у сæйраг нысаниуæг  алы  Æхсæнадуон Уацхæссæджы æмиæ  æцæгæр стыр цыт у, цæмæй  2023  азы  23 ноябры  Гуырдзыстон сфысым кæндзæн  ног хабæртты  ассамблейæн, æрцæудзæн 56 бæстæйы  бирæ  делегат, кæцытæ Æхсæнадон Уацхæссджыты  сегасдæр бæлвырд,  информиргонд, конструктивон  ног  хабæртты  платформæ у, уый тыххæй æнхъæлмæ кæсæм,  цæттæ кæнæм æмæ райгонд дæн, цæмæй  растдæр гуырдзыстон æмæ Æхсæнадон Уацхæссæгмæ уыд лæвæрд ахæм кад», – райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.

Ног хабæртты  ассамблей Европæйы  Уацхæссджыты  Цæдисы  æрвылазон платформæ у, кæцыйыл EBU-ы уæнг бæстæты  минæвæрттæ æмбырд кæнынц, цæмæй  æркæсой  нысаниуæгджын   стратегион   темæтæ,   кæрæдзийæн фæхай кæной  фæлтæрддзинад  æмæ  райсой информаци  ног  иртасæнты  æмæ ног ссарæггæгтыл  Æхсæнадон Уацхæссынады  ног   хабæртты фæдыл.

Форум  ног хабæртты директоры  æмæ сæйраг редактортæн  дæтты фадат,   баивой  сæрмагонд хъуыдытæ   ног хабæрттæ срухс кæнын фæхуыздæрыл,  афтæма  медиабазарыл  адаптацийы фæдыл æмæ æнд.

Радæй 18-æм ассамблей Тбилисы 2023 азы 22-23 ноябры  ацæудзæн. Мадзал  æрвылазон у  æмæ  2005 азæй  цæуы.