Украинаг адæмæн фарсхæцынæн, Фыццаг Каналы эфиры лæвæрд марафоны рæстæджы рымбырд ис 674 380 лари

Украинаг  адæмæн  фарсхæцынæн, Украинайы   Æхсæнадон Уацхæссæгимæ солидарондзинады нысанæн,   хæрзгæнæгон  марафон- «Мах Украинайæн» -ы  цыды  рæстæджы,  ацы рæстæгмæ æрымбырд  ис 674 380 лари.

Хæрзгæнæгон  марафон Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  Сырх Дзуаримæ иумæ ауагъдта. Суммæ Сырх дзуары  хынцмæ  цыдис комкоммæ.

Марафон  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  эфиры  ацыд  æмæ уымæ  баиу кæныны фадат   телефонон дзырды фæрцы, кæнæ банкон хынцмæ  суммæ  бахæссыны  фæрцы,  дзыллæйы алы  уæнгæн уыд.

«Мах Украинайæн» – хæрзгæнæгон марафоны  хайад райстой  номдзыд гуырдзиаг  зарæггæнджытæ,  сыххæст сты  композицитæ  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы музыкалон   проекттæй.

Хæрзæггæг марафон  Европæйы Уацхæссджыты  солидарондзинады акци у æппæт Европæйы, марафон   райдыдта Варшавайы,  абон   ацы  Тбилис æмæ Прагæйы, стæй Таллины æмæ Бухаресты, афтæма   æнæхъæн Европæйы  алы сæйраг горæтты  ацæудзæн хæрзгæнæг марафонтæ, сæ нысан та иу  у –  украинаг адæмæн баххуыс кæнын.