Тбилисы мэрмæ кандидатты дебаттæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналыл
Тбилисы мэрмæ кандидатты дебаттæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналыл

Дебаттæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы эфиры 2025 азы муниципалон æвзæрстыты хайадисæг регистрацигонд æвзарæнон субъектты Тбилисы мэримæ кандидатты æхсæн цæуынц.

Дебатты архайынц ахæм кандидаттæ:

«Æвзаг, Фыдыбæстæ, Уырнындзинад» – Темур Бокелавадзе (æвзæрсты номыр 1);

«Консерватортæ Гуырдзыстоны фарс» – Зураб Махарадзе (æвзæрсты номыр 3);

«Сæрибар Гуырдзыстон» – Каха Кукава (æвзæрстыты номыр 7);

«Патриотты альянс» – Отар Читанава (æвзæрстыты номыр 8);

«Тыхджын Гуырдзыстонæн – Лело» – Ираклий Купрадзе (æвзæрстыты номыр 9);

«Гуырдзыстон» – Гиоргий Лилуашвили (æвзæрстыты номыр 11);

«Зелёная партия» – Гиоргий Гачечиладзе (æвзæрстыты номыр 12);

«Гирчи» – Иаго Хвичиа (æвзæрстыты номыр 36);

«Гуырдзиаг бæллиц» – Каха Къаладзе (æвзæрсты номыр 41).

Дебатты форматмæ та цы хауы, уый арæзт у æхсæз турæй.

Фыццаг туры архайджыты арфæйы ныхæстæ, кæцытæн лæвæрд цæуы иу минут. Ныхасгæнæгты фæтк бæрæггонд цæуы æвзæрстыты нымæцмæ гæсгæ, алы раунды дæр рад ивд цæудзæн иннæ раныхасгæнæгмæ.

Дыккаг æмæ æртыккаг туры фысым дæтты фарстытæ архайджытæм. Дзуæппытæн лæвæрд цæуы дыууæ минуты.

Цыппæрæм тур нывонд уыдзæн ныхмæлæуджытæ кæрæдзимæ цы фарстытæ дæттынц, уыдонæн. Архайджытæн фадат уыдзæн иу фарст раттынæн. Фарсты адресат равзардзæн фарсты автор. 30 секунды нысангонд цæуы фарст раттынæн, дыууæ минуты та дзуапп раттынæн (фарст-дзуаппы фæстæ автор æмæ дзуапдæттæгæн уыдзæн 30 секунды алкæмæн дæр дзуапп кæнæ фарст сбæлвырд кæнынæн æмæ, уымæ гæсгæ, ацы дзуаппæн реагир кæнынæн).

Фæндзæм туры фысым хатдзæгтæ дæтты архайджытæм. Дзуæппытæн лæвæрд цæуы дыууæ минуты.

Æхсæзæм туры архайджытæ ныхас кæндзысты æвзарджытæм. Уымæн рахицæн æрцæудзæн иу минут.

Дебаттæ ифтонг цæуынц къухæй амынд æвзагмæ тæлмацæй. Афтæ дæр уыдзысты эфиры Гуырдзыстоны радиойы эфиры æмæ Фыццаг Къаналы онлайн платформæтыл. Æвзæрстыты агъоммæ дебаттæ уагъд цæуынц æппæт дунеон стандарттæ æмæ æхсæнадон уацхæссæгæн цы аргъдзинæдтæ ис, уыдон æххæст кæнгæйæ.

Гиорги Гвимрадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы Тбилисы мэрмæ кандидатты æхсæн дебаттæ фысым кæндзæн.