Виола фон Крамон – Украинайы æрдæм стыр солидарондзинад уынæм, фæлæ Гуырдзыстоны цауы æмбæлгæ къахдзæфтæ нæ сарызтам, уый уыдис сæйраг рæдыд
Виола фон Крамон – Украинайы æрдæм стыр солидарондзинад уынæм, фæлæ Гуырдзыстоны цауы æмбæлгæ къахдзæфтæ нæ сарызтам, уый уыдис сæйраг рæдыд

Уæвæг  уавæр нын бакой кодта, цæмæй  стыр рæдыд уыдис,  куы сырæзт хъæугæ къахдзæфтæ  Уæрæсе Гуырдзыстоны территоритæ оккупаци куы  скодта, уæдБ – уый фæдыл  европарламентари  Виола фон Крамон  хъæу Одзисы,  оккупацион  хаххы цур  райхъусын кодта, цы ран  Тбилисы æхсæнадæмон конференци «Путинизмы басаст»-ы  хайадисджытимæ иумæ уыдис.

«Мах ам фыццаг хатт не стæм.  Æз администрацион дихгæнæг хаххы  цур раджы дæр  уыдтæн бирæ хатт, нырма Украинамæ  Уæрæсейы  æххæстмасштабон бырсты онг, фæлæ  абон  ноджы нысаниуæгджындæр у  солидарондзинад равдисын  æмæ уый фенын, цæмæй цы уавæр ис.  Бæрæг у, ныфссæттæг у  махæн, уымæн  æмæ  уынæм, цæмæй алы  æхсæнадæмон бадзырдæн ацы рæстæгмæ нулы йас  фæстиуæг ис. Æмбарæм, цæмæй уавæр  хуыздæры рдæм нæ ивы.  Нæкæсгæ уымæ, цæмæй Тбилисы политикон райрæзтæн  уæлдайдæр Уæрæсеимæ  æрыввахсы  архайдыл, ам оккупацион хаххы цур уавæр нæ ивы.  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад  у приоритетон фарста махæн европарламенты, Евроцæдисы институтты.  Гуырдзыстоны  уæвæг  уавæр нын анæ зæрдыл балæууын кодта, стыр рæдыд уыдис,  куы сырæзт хъæугæ къахдзæфтæ  Уæрæсе Гуырдзыстоны территоритæ оккупаци куы  скодта уæд. Украинайæн стыр солидарондзинад уынæм, фæлæ  Гуырдзыстоны цауы, Украинайæ хъауджыйæ, æмбæлгæ къахдзæфтæ  нæ сарызтам. Афтæмæй, уый уыдис сæйраг рæдыд», –  рахйъусын кодта Виола фон Крамон.

Тбилисы æхсæнадæмон конференцийы «Путинизмы басæттын»  хайадисджытæ хъæу Одзисы, оккупацион хаххы цур уыдысты æмæ  æнæзакъонон бордеризацийы  процессимæ бынатыл æрзонгæ сты.  Оккупацион хаххы цур уæвæг  уавæры фæдыл информаци, уазджытæн  паддзахадон  æдадсзинады  куысты  минæвæрттæ  базонын кодтой.  Дыууæбонон æхсæнадæмон конференци  Тбилисы сом райдаидзæн. Конференцийæн, Маккейны институт æхсæнадæмон лидердзинадæн, Джордж Бушы  институт æмæ  Экономикон политикæйы иртасаг центр  фысым кæнынц.  Уым Европаг  æмæ Америкаг  политиктæ  æмæ дипломаттæ  исынц хайад.