Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин райхъусын кодта, цæмæй Мæскуы-Анкъарайы æхсæн ахастытæ, бонæй-бон арфдæр кæнынц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы æмæ Турчы хицауадты æхсæн къуындæг бастдзинад Сирийы конфликты аскуыддзагы процессы нысаниуæгджын роль хъазы.
Путины фидиуæны размæ апарахат ис Турчы презаденты, Реджеб Тайип Эрдогъаны фыстæг, кæцыйы уый йæ уырыссаг коллегæмæ арвыста Кремльмæ. Эрдогъан Путины Стамбулмæ кæсагы ресторанмæ фæхуыдта, цы ран Анкъара-Мæскуыйы ахастыты иуæй-иу æлхынцъаг, С-400-ы типы антиракетон хъахъъхæдады системæты фарста хъуамæ æркæсой.
НАТО-йы уæнг Турчы æрдгæй, уырыссаг С-400-ы типы системæты балхæдмæ гæсгæ, Вашингтоны позици тызмæг æппæрццаг у.
Абон АИШ-ы æмæ Турчы æхсæн ныттынггонд ахастыты æмæ базарадон хæсты уавæрты Эрдогъан уырыссаг коллегæйы Стамбулмæ растдæр ацы темæйы æркæсынмæ фæхуыдта.