Вакцинацийы совет, абон тæрхон кæндзæн«Астразенекайы» вакцинæйыл кар фæныллæг кæныны æмæ «Синовакæй» вакцинацийы фарстæйыл
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, æнæнизхъахъхъæды министрады вакцинацийы советы абоны рабадтыл тæрхон кæндзысты «Астразенекайы» вакцинæйыл кар фæныллæг кæныны æмæ «Синовакæй» вакцинацийы фарстæйыл.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы этапыл вакцинæтыл æркуырд, фæстауæрцæй бæрзонддæр у, кæцыйы сбаланс кæнын хъæуы.
«Абон министрады ацæудзæнис вакцинацийы советы рабадт, кæцыйы цалдæр нысапниуæгджын фарстыл тæрхон кæндзыстæм, уый нымæцы Астразенекайы» вакцинæйыл кар фæныллæг кæныны æмæ «Синовакæй» вакцинацийы фарстæйыл. Абоны этапыл, вакцинæтыл æркуырд, фæстауæрцæй бæрзонддæр у, кæцыйы сбаланс кæнын хъæуы» – фехъусын кодта Амиран гамхърелидзе.