Украинайы президенты офисы къухдариуæггæнæг – хæсты дыккаг фазæ райдыдта, не фсады ныфс уæм уæд, тынг фидар нын у
Украинайы президент администрацийы къухдариуæггæнæг Андрей Ермак хъусын кæны, цæмæй Украинайы хæсты дыккаг фазæ райдыдта, фæлæ йæ дзырдæй, зæгъгæ Украинайы гарзджын тыхтæ цæттæ сты. Украинаг медийы хъусинагæй, уый фæдыл Ермак ныффыста телеграмм-каналы.
«Донбас. Уырыссæгты бырсæнцыды фæдыл бирæ мæнг информаци хæлиу кæны. Райдыдта хæсты дыккаг фаза, фæлæ уын зæгъдзынæн, цæмæй Украинайы гарзджын тыхтæ цæттæ сты. Уæт уæм не фсады ныфс, уый тынг фидар у», – банысан кодта Украинайы президенты офисы къухдариуæггæнæг.
Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Володимир Зеленски видео-сидты рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсейы тыхтæ Донбасæн тох райдыдтой.