Жозеп Борел – моралон, политикон æмæ æфсæддон цæстæнгасæй дæр, Уæрæсе хæсты  саст ййафы
Жозеп Борел – моралон, политикон æмæ æфсæддон цæстæнгасæй дæр, Уæрæсе хæсты саст ййафы

Моралон, политикон æмæ æфсæддон цæстæнгасæй  Уæрæсе хæсты  саст ййафы, – уый фæдыл фидиуæн сарызта,  æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты  Евроцæдисы  бæрзонддæр комиссар, Люксембургы Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты  министериалы  размæ.  Борел афтæдæр  комментари сарызта  Киевмæ Уæрæсейы сæххæст бырсты фæдыл.

«Абоны фембæлдыл  сæйраг фарста уыдзæн Украина, кæцæй дæр абон тынг æвзæр хабæрттæ  фехъуыстам.  Сæумæрайсом  уæззау  бырст  сæххæст ис Киевыл, дронтæй.  Абон æрксдзыстæм   уæвæг   уавæр æмæ кæцыдæр мадзæлттæ   скæндзыстæм.  Сегасæй ахсджиаг уынаффæ, кæцы рахæсдзыстæм  æххæссы  Украинайæн æфсæддон   æххуысы  ног траншмæ æмæ  ахуырадон миссимæ.  Ныфс мæ ис, алчи уыдзæн  разы. Хæсты  социал-экономикон  фæстиуджытæ дарддæр  кæнынц  уый  рахатинаг у æппæт дунейы.  Уæрæсе бонæй бон  фылдæр изоляци кæны,  ИНО-йы   генералон  ассамблейыл  халæппæрсты рæстæджы куыд федтам, афтæмæй.  Моралонæй,  политиконæй æмæ æфсæддон цæстæнгасæй дæр, ацы  хæсты  Уæрæсе саст ййафы.  Хъуамæ  адарддæр  кæнæм Украинайæн æххуыс», –   райхъусын кодта Борел.

Жозеп Борел куыд банысан кодта афтæмæй,   Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты  рабадты абон  Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба дæр райсдзæн хайад.