Биньямин Нетаньяху – райдайæм дæргъвæтин, вазыгджын хæст, кæцы нæ тыхыбын бакодта  «Хамасы» лæбурд
Биньямин Нетаньяху – райдайæм дæргъвæтин, вазыгджын хæст, кæцы нæ тыхыбын бакодта «Хамасы» лæбурд

 

Израилы  премьер-министры офисы  фидиунæй,  министрты  кабинет  рахаста «операцион  уыннаффæты   сери, кæцытæн сæ нысан у  «Хамасы»  æмæ Палестинæйы  хицауады  æфсæддон  æмæ хицауадон   фадæттæ скуынæг кæнын».

«Райдайæм  дæргъвæтин  æмæ вазыгджын  хæст.  Хæст нæ тыхыбын бакодта, Хамасы  бырст.  Фыццаг  этап ацы сахатты фæуыдзæн  нæ  территоримæ, знаджы  цы  тыхтæ æрбалæбурдтой  уыдонæн сæ фылдæры   скуынæгæй.   Иурæстæгонæй, райдыдтам   бырсæнцыды  формиркæнын  æмæ уый  адарддæр уыдзæн    æнæруромгæйæ,  нысæнттæм  цалынмæ нæ баххæсдзыстæм уæдмæ», –  райхъусын кодта Израилы премьер-министр  Нетаньяху Биньямин.

Израилы премьер-министры  фидиуæнæй,  Израилæн  йæ  нысан у,  Хамасæн фесафын кæна  хъомад æмæ фæндон,  бартхъирæн кæна æмæ  разнаггад кæна Израилы  æмбæстæгтæм  бирæ азы  дæргъы.

«Мах  сæндидзын кæндзыстæм Израилы æмбæстæгты æдасдзинад æмæ  фæуæлахиз уыдзыстæм», – бафтыдта ма Нетаньяху.

Израилы премьер-министры  офисы  фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй,   министрты  кабинеты  хаст уынаффæты  æхсæн ис,  электроэнергийы,  æртагы æмæ  базайраджы  бадæттыны фæурæд.