Дональд Трамп  хъусын кæны, цæмæй йæ бон у Украинайы  хæст кæрон скæнын
Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй йæ бон у Украинайы хæст кæрон скæнын

АИШ-ы    раздæры президент   Дональд Трамп   хъусын кæны,цæмæй   йæ бон у   Украинайы   хæст кæрон скæнын. Уый фæдыл   Трамп  Вашингтоны   консерваторты  æрвылазон  конференцийыл фæныхас кодта.

Йæ рацыды   АИШ-ы раздæры президент  загъта, цæмæй  уый у  президенттæм иунæг кандидат, кæцы æртыккаг дунейон хæст кæрон скæнын  бафæраздзæн.  Трамп  дзуры, цæмæй  йын   диссаджы  ахастытæ ис Путинимæ  æмæ Уæрæмсейы  президент йæм æнæмæнгæй   байхъусдзæни.

«Цалынмæ   овалон   офисмæ  бахизон, уæдмæ алыг кæндзынæн  ацы  катастрофон хæст Уæрæсе æмæ Украинайы æхсæн. Уый тынг тагъд фæуыдзæн.   Проблемæ  алыг кæндзынæн виппайды.  Уый  тыххæй мæ иу бонæй  фылдæр нæ бахъæудзæн.  Зонын, цы хъуамæ  зæгъон    уыдонæн.   Тынг дзæбæх ахастытæ  мын уыд семæ.  Путинимæ   мын уыд  диссаджы ахастытæ, нæкæсгæ уымæ,ц æмæй  кæрон скодтон йæ хæтæлвæд.  Хъуыдыма йæ кæнут, куыд дзырдтой,ц æмæй Трамп Урææсейæн   бирæ дæтты?  Путин мын загъта, цæмæй  кæд  дам  мæ дæ хæларыл нымайыс, уæд мæ æцæгдæр нæ бафæндыдат  ме знагæй  дæу  фенын», – райхъусын кодта  Трамп.