Америкаг конгрессмен Виктория Спарц  Андрей Ермакмæ сиды,  цæмæй куыстæй йæхи сиса
Америкаг конгрессмен Виктория Спарц Андрей Ермакмæ сиды, цæмæй куыстæй йæхи сиса

Америкаг конгрессмен  Виктория  Спарц  Украинайы  президенты администрацийы  къухдариуæггæнæг   Андрей Ермакмæ  æрсидтис йæ куыст бынат ныууадзынмæ.

«Бирæ америкаг  æмæ европагæн  нырид  рагæй сæ  зæрдæ хсайы  Ермакы тыххæй.  Ермак паддзахадон  гæс куы уаид куы ахæм  гуырысхойаг  репутации адæймаг, уæд  нырма  зымæджы  ныууагъдаит йæ пост.  Украинайы  хицауады  куы  уырнын  кодта, цæмæй   Уæрæсейы  æрдгæй бырст  не  рцыдаит, кæцыйы  тыххæй  фæкъаддæр ис   Украинайы  цæттæдзинад æмвæзад. Фæлæ  раст  хъуыддаг саразын гæнæн ис  æвæстиатæй дæр», –  хъусын кæны Спарц.

Конгрессмены дзырдæй,  Ермак йæ  ныхмæ райдыдта  хахуыры  компани.  Спарцы  дзырдæй,   зæгъгæ бæрæг куыд  у афтæмæй,  Киевмæ ис  æхца инфраструктурæ  сæндидзын кæнынæн,  фæлæ  сæм нæй  æхца  æфсæддæттæн  баххуыс кæнынæн.  Дзырдæуы  дæнцæн 2014  азы  антитеррористон  операцийы хайадисæг  æфсæддæтты  цæрæнуаттæй сифтонг кæныны фæдыл.