Украинæйы президенты администрацийы сæргълæууæг Андрей Ермак йæ бынатæй ацыд
Украинайы президенты администрацийы сæргълæууæг Андрей Ермак йæ бынатæй ацыд. Уый фæдыл Украинæйы президент Владимир Зеленский расидтис.
Зеленскийы ныхасмæ гæсгæ, Ермакы постæй ацæуыны фæстиуæгæн, президенты администрацийы ивæндзинæдтæ плангонд сты.
“Уæрæсейы æцæгæйдæр фæнды, цæмæй Украинæ рæдыдтытæ сараза. Махæй рæдыдтытæ нæ уыдзæн. Нæ мæ фæнды, цæмæй нæ партнертæм уа фарстатæ Украинæйы фæдыл. Уынаффæ ист æрцыд”, – банысан кодта Зеленский.
Уæ информацийæн, коррупцийы ныхмæ националон бюро абон Андрей Ермакы офисы басгæрст сарæзта. Информаци сбæлвырд кодта Ермак йæхæдæг. Уый загъта, кæй æмгуыст кæны барадхъахъхъæнджытимæ æмæ коррупцийы ныхмæ бюройы кусджытæн радта “хæдзармæ æххæст бар”.