Андрей Ермак – æмæнкъард гуырдзиаг æфсымæртæн, бузныг  алы хæстонæн, чидæриддæр махимæ иумæ  хæцынц, æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм  æмæ басæттæм знаджы, кæцы нын у   иу
Андрей Ермак – æмæнкъард гуырдзиаг æфсымæртæн, бузныг алы хæстонæн, чидæриддæр махимæ иумæ хæцынц, æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм æмæ басæттæм знаджы, кæцы нын у иу

Тæфæрфæс кæнын  гуырдзиаг æфсымæртæн,  бузныг сын  алы   хæцджытæн, чидæриддæр махимæ иумæ  тох кæны  æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм æмæ  басæттæм не знагы, кæцы нын нæ дыууæнæ дæр иу у –  фыссы  Украинайы   президенты  офисы  къухдариуæггæнæг   Андрей Ермак  «телеграммы». Ермак пост  публикаци кæны гуырдзиаг æмæ   украинаг æвзæгтыл.

Ермак фыссы цæмæй бахмуты цур  фæстаг бонты  знаг  æрхъула кодта   украинаг æмæ  57-æм бригадæйы гуырдзиаг хæцджыты.

«Бахмут – стратегион  горæты  хъахъхъæнынад дарддæр кæны! карз тох цæуы алыбон.  Æхсты  гуыпп  хъуысы  æнæруромгæйæ, алыварс  талынг, цæвиттон  фрагмент  фыццаг дунеон хæстæй.  Алыварс  знаджы  мардыбуæрттæ, уыдон  нæдæр  архайынц  хæсты  быдырæй  сæ  мæрдта  аласын, сæдæгай   уагъд   знаджы  мард  æнæцытæй….  нæ  хæстонтæ   хæцынц  сæруæлдайæ!

Хъыгагæн,  сафæм нæ хæлæртты. Бахмуты цур фæстаг бонты  знаг æрхъула кодта  нæ  украинаг æмæ  57-æм бригадæйы  гуырдзиаг хæцджыты.  Бæрæг у  цæф гуырдзиаг  сæрдары  æмæ   фондз фæмардуæвæгы гуырдзиаг æфсæддоны тыххæй.   Уыдон  тох кодтой, сабырдзиадæн, сæрибардзинадæн.  Сæрибардзинад иу кæны  сегасдæр хуыздæр адæймæгты  автократон  фыдбылызимæ   тохы!  Æцæгдæр  æмæнкъард сидын  нæ гуырдзиаг æфсымæртæн!  Афтæдæр бузныг  алы хæстонæн, чидæриддæр махимæ иумæ   хæцы!  Æнæмсæнгæй хъуамæ  фæуæлахиз уæм  сæрибардзинадæн  Украинайы æмæ  Гуырдзыстоны æмæ  басæттæм  знаджы.  Зныг нын алкæмæн у  иу! Бахмут – Титанты горæт!» –  фыссы  Андрей Ермак  социалон хызаджы.

Украиайы ноджы  фондз гуырдзиаг хæстон  амард. Авто Руруа, Ромео  Кварацхелиа, Ромео  Пичхаиа, Мераб Аладашвили æмæ Бадри  Маркелиа, уырыссаг оккупацион  тыхты  ныхмæ  Бахмуты  хæцыдысты.  Украинайы Гуырдзыстоны минæварад хъусынк æны, цæмæй æмбæлгæ  куыстытимæ контактыл сты, фæлæ интенсивон  хæсты  тыххæй, территорийæ  мæрдты раласын  нырма не нтысы.

24 февралæй  абоны онг, Украинайы  Уæрæсйы  хæсты  амæттаг  ссис  33  гуырдзиаг хæстон.