Александре Моцъерелиа – адæймагтæн, кæцытæ Украинайы  хæцынц  сбæрæг уæд статус  æмæ паддзахад йæхимæ райсæт  сæ  бинонтыл аудындзинад
Александре Моцъерелиа – адæймагтæн, кæцытæ Украинайы хæцынц сбæрæг уæд статус æмæ паддзахад йæхимæ райсæт сæ бинонтыл аудындзинад

Парламенты уæнг, парти «Гуырдзыстоны тыххæй» -ы  минæвар, Александре Моцъерелиа,  парламенты  абоны  пленарон рабадтыл   коллегæтæм  раздæхт  æнхъарæнимæ,   ома парламент  æркæсæд  Украинайы   фæмардуæвæг  гуырдзиаг хæцджыты  фарста,  сбæрæг сын кæнæд статус æмæ паддзахад йæхимæ райсæт  аудындзинад ацы  адæймæгты  бинонтыл.

Александре Моцъерелиа  куыд   банысан кодта афтæмæй,   Украинайы  ноджы  иу гуырдзиаг  хæцæг амард,  кæцыйы  бинонты хъæуы  паддзахады  æххуыс.

«Ацы хæцæг  уыдис уыдоны æхсæн,  кæцытæ   капитуляци нæ  райхъусын кодта нæдæр 1992 азы  Сухумы æмæ  нæдæр 2008 азы  Цхинвалы.  Ацы  хæцджытæ   абон  хæцынц  Украинайы, хæцынц  оккупантты ныхмæ,  хæцынц  хуыздæр   сомбоны  тыххæй,  Гуырдзыстоны тыххæй,  хæцынц  уыцы  идеяты тыххæй,  кæцыты нывондаг ссис Звиад Гамсахурдиа, Мераб Костава. Хæцынц  уый  тыххæй, цæмæй  мах суæм евроцæдисы æмæ  НАТО-ы  уæнг,  хæцынц  уымæн æмæ зонынц,  цæмæй  афтæ хæстæг, ерын куы стæм  нæ территорион  æнæхъæндзинад сног кæнынмæ,  раздæр никуы  уыдыстæм.  Æз уыдтæн Эдишер  Кварацхелиайы  панихидæйыл  Самебайы аргъуаны, федтон бирæ  æфсæддон  хорзæхтæ  æмæ афтæдæр   федтон йæ бинонты, кæцытæн æцæгдæр хъæуы   паддзахадæй  æххуыс. Курæг уæ  дæн коллегæтæй, цæмæй æркæсæм   ноджы иу  хатт ацы фарста парламенты.  Ацы адæймæгтæн, уым чи хæцы,  сбæрæг уа статус  æмæ паддзахад йæхимæ райсæт  сæ бинонтыл  аудындзинад», –   райхъусын кодта  Александре Моцъерелиа.