Украинайы гарзджын тыхты генштаб- Бахмут фæстæмæ хæстон архæйдтыты эпицентры ис
Украинайы гарзджын тыхты генштаб хъусын кæны, цæмæй Бахиут фæстæмæ у хæстон архйдтыты эпицентр. Уый фæдыл дзырдæуы генштабы абон сæумæрайсом публикацигонд фидиуæны.
«Ныхмæлæууæг дарддæр кæны сæйраг тыхархайды концентраци кæнын Купянскы, Лиманы, Бахмуты, Авдеевкæйы æмæ Марьинкайы æрдæмадтыл. Æдæппæт ивгъуыд æхсæв-боны мидæг фронты фæнысангонд фадыгыл, 53 быцæуæмбæлд æрцыд, хæстон архйдтыты эпицентры сты Бахмут æмæ Марььинка» – дзырдæуы генштабы ахæлиугонд фидиуæны.
Бакой уын кæндзыстæм знон хицæн æфсæддон компани «Вагнеры» бындурæвæрæг Евгени Пригожин райхъусын кодта,ц æмæй Уæрæсейы тыхтæ бБахмут æнæхъæнæй бацахстой. Фæстæдæр уый фæдыл фехъусын кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад.
Украинайы хъахъхъæнынады уагдоны та сидынц, цæмæй Бахмуты сырæзт критикон уавæрмæ нæкæсмгæ, Украинаг æфсæддæттæ хицæн объектты контрол кæнынц.
Укринайы гарзджын тыхты хурыскæсæны сæрдарады спикеры, Сергей Череватыйы фидиуæнæй, зæгъгæ Пригожины, Бахмутиы бацахсыны фæдыл фидиуæнæй фæнды куыд гæнæн ис афтæ тагъд акæна йæ æххуырст æфсад горæтæй, уымæн æмæ «Вагнеры» къорд скуынгæ ис æмæ уый йæ хуыздæр хæцджыты фесæфта.