Украинаг фарсы хъусинагæй,  уырыссæгтæ  Бахмутмæ хæстæг ран цæрæн хæдзарыдл ракетон  хафт сыххæст кодтой, фæхъуыд иууыл цъус  6 адæймаг
Украинаг фарсы хъусинагæй, уырыссæгтæ Бахмутмæ хæстæг ран цæрæн хæдзарыдл ракетон хафт сыххæст кодтой, фæхъуыд иууыл цъус 6 адæймаг

Уырыссæгтæ  горæт Бахмутмæ  хæстæг  цæрæн пункт Часов Яры  фондзуæладзыгджынг  цæрæн хæдзарыл  бомбæтæ  фехстой.  Бынæттон  хицауады  информацийæ,   амард иууыл цъус æхсæз  адæймаг æмæ цæф сты фондз.

Уыимæ  хæдзары кæлддзæгты бын фæцис  иууыл цъус  34 адæймаг.  Бынатыл  ирвæзынгæнæн  куыстытæ  цæуынц.

«Хæдзары дыууæ бацæуæн æнæхъæнæй ныккалдис.  Бынатыл кусынц ирвæзынгæнджытæ. Кæлддзæгты бын  уæвæг  адæймæгты  фервæзын кæнын архайынц.  Бынæттонты  дзырдæй, уым æнъхæлцау ис  34  адæймаг, сæ нымæцы  9 аздзыд сывæллон»,  –  фыссы  Павел Кириленко.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ ирвæзынгæнджытæ  кæлддззæгты бын  уæвæг  дыууæ адæймагимæ  контакт сфидар кæнын бафæрæзтой. Павел Кириленко хъусын кæны, цæмæй  фондз уæладзыгджын  цæрæн корпусыл сымбæлд «Ураганы» типы  ракетæтæ.