«Reuters» - Израил  ракетон  хафт ракодта  Сирийы, Уæрæсейы  базæмæ хæстæг
«Reuters» - Израил ракетон хафт ракодта Сирийы, Уæрæсейы базæмæ хæстæг

«Ройтеры»  хъусинагæй, Израил  ракетон  хафт ракодта  Сирийы, Уæрæсейы  базæмæ хæстæг.агентады хъусинагæй, Израилы  нысан уыдис  ирайнаг  æфсæддон объекттæ. Уый фæдыл «Ройтерæн» Израилы  рагысгарæг куысты  минæвæрттæ   фехуъсын кодтой.

Афтæма сæ информацийæ,  цалдæр ракетон  хафт  сыххæст  Ираны  радары станцæйыл  æмæ  уæлдæфыныхмæ  системæтæн лæггадæгæнæн   постыл, кæцы Порт Тартумæ хæстæг ис.  Ацы порты лæууы  Уæрæсейы флоты  сæйраг базæ.

Израилы хафтты  нысан уыд Сирийы  сæйраг Горæт  Дамаскы  цæгат-хурыскæсæны,  цы ран про-ирайнаг  радикалон  къорд  «Хесболайы» хæцджытæ сты дислоциргонд. Сирийы  æфсады  фехъусын кодтой, цæмæй хафты фæстиуæгæн   амард æртæ æфсæддон.

Фæстаг азты  Израил  æнæиу  бырст  сыххæст кодта  Сирийы  уæвæг  уыцы  объекттыл, кæцытæ сæ хъуыдымæ гæсгæ баст сты  Иранимæ.  Фæлæ ацы афонмæ, Израиль йæхи урæдта уырыссаг базæмæ хæстæг   бырстытæ  сыххæстæй.