Израилы хъахъхъæнынады тыхты информацийæ, ХАМАС-ы æрдыгæй ссæрибаргонд авд уацайрагы ныридæгæн сты Израилы
Израилы хъахъхъæнынады тыхты информацийæ, ХАМАС-ы æрдыгæй ссæрибаргонд авд уацайрагы ныридæгæн сты Израилы

ХАМАС-ы æрдыгæй ссæрибаргонд авд уацайрагы ныридæгæн сты Израилы.

Информаци сбæлвырд кодтой Израилы хъахъхъæнынады тыхтæ.

Сæрибаргонд æфхæрдтæ Реймсы быдырон госпиталы уæлæмхас медицинон басгæрстытæ ацæудзысты, цы ран сæ бинонтимæ фембæлдзысты. Уый фæстæ сæ фæхæццæ кæндзысты рынчындонмæ æмæ сын скæндзысты алыварсон басгæрст.

ХАМАС-ы тохгæнджытæ æфсæддонтæ Газайы Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты минæвæрттæн радтой, кæцытæ та сæ Израилы æфсæддонтæн радтой.

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æдæппæтæй баззад 20 удæгас æфсæддоны ХАМАС-ы уацары. 13 дзы æнхъæлмæкæсинаг сты æввахсдæр сахатты ссæрибар кæнын.