Украинаг æфсæддæтты хъусинагæй, горæт Макиивкæйы  ракетон хафты  фæстиуæгæн, 400-ы  онг  уырыссаг æфсæддон амард, 300  та фæцæф сты
Украинаг æфсæддæтты хъусинагæй, горæт Макиивкæйы ракетон хафты фæстиуæгæн, 400-ы онг уырыссаг æфсæддон амард, 300 та фæцæф сты

Украинаг  æфсæддæттæ хъусын кæнынц, цæмæй  Уæрæсейы оккупацигонд  территорийыл  ракетон хафт сыххæст кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн, 400-ы  онг хуырыссаг æфсæддон  амард,  ноджы  300  та  фæцæф сты.

«ВВС»-ы хъусинагæй,   укринæгты  нысан  ацы хатт горæт   Макиивкæйы   уæвæг бæстыхай ссис, кæцыйы  хуырыссаг  æфсæддон   гæстæ  уыдысты.

Уæрæсейы окупацион  режимы  минæвæрттæ сбæлвырд кодтой,  ома украинæгтæ  Донецкы  зылды   уæвæг  цæрæн  пунктыл сыххæст кодтой ракетон   хафт, фæлæ  фæмардуæвджыты   нымæц  не схъæр кодтой.

Хуырыссаг  пропагандистон   медиайы  афтæдæр сбæлвырд кодтой украинæгты  бырсты фæдыл информаци, фæлæ   400 æфсæддон  мæлæтыл нæ басастысты.

Уыимæ, раздæры хуырыссаг æфсæддон  Игор Гиркин, фехуъсын кодта, цæмæй украинæгты хафты фæстиуæгæн, сæдæгай хуырыссаг  æфсæддон   амард, сæ  фылдæр  амæйразмæ  мобилизацигонд æфсæддæттæ.