Владимир Мединский – Уæрæсейы æмæ Украинайы делегациты позицитæ кæрæдзийæ дзæвгар дард сты æмæ Путин æмæ Зеленскийы фембæлд лæмбынæг бацæттæ кæнын хъæуы
Владимир Мединский – Уæрæсейы æмæ Украинайы делегациты позицитæ кæрæдзийæ дзæвгар дард сты æмæ Путин æмæ Зеленскийы фембæлд лæмбынæг бацæттæ кæнын хъæуы

Уæрæсейы делегацийы сæргълæууæг Владимир Мединскийы ныхæстæм гæсгæ, «фарсыты позицитæ кæрæдзийæ сты дзæвгар дард».

Мединский куыд банысан кодта, афтæмæй фарсытæ 2-æм июны цы меморандумтæ баивтой, уыдоныл уынаффæ цыд Уæрæсейы æмæ Украинæйы делегациты фембæлды.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сабырадон сразыдзинадыл уым ныхас кæнын нæ хъæуы, фæлæ йæ бафыссын хъæуы.

Мединский Киевы æрбавдыст Уæрæсейы æмæ Украинайы президентты потенциалон фембæлды фæдыл расидæн дæр сарæзта. Уæрæсейы делегацийы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм фембæлдмæ хъæуы лæмбынæг бацæттæ кæнын.

Уымæй уæлдай ма, Мединский банысан кодта, Украинæ-Белорусы арæныл 250 хæстон уацайрæджы къордты ивæндзинад ныр кæронмæ кæй фæхæццæ кæны.

«Мах бадзырдтам, цæмæй хæстæгдæр рæстæг алы фарсæй дæр ивд æрцæуа фæйнæ 1200 хæстон уацайрæджы», — банысан кодта Мединский.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныхас цыд сабыр цæрджыты æрыздæхты фарстыл дæр.

«Мах ноджы иу хатт бавдыстам Украинæйæн, цæмæй ахъуыды кæна, цы нымайæм тынг нысаниуæгджын фарстайыл: контакты хаххыл, фронты хаххыл цыбыр æмгъуыдмæ, 24-48 сахатон æхсты фæурæды расидæн, цæмæй медицинон къордтæн сæ бон уа цæфты эвакуаци кæнын, командиртæн сæ бон уа сæ æфсæддонты мард буæрттæ сбæрæг кæнын» – райхъусын кодта Мединский.