Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй æфсæддон  æххуысы  ног пакетæй Украина  ныридæгæн исы  хæцæнгарз
Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй æфсæддон æххуысы ног пакетæй Украина ныридæгæн исы хæцæнгарз

Æфсæддон  æххуысы  ног пакетæй  Украинæ   ныридæгæн исы  хæцæнгарз –  уый фæдыл Урс Хæдзары  пресснымæрдар  Карин Жан-Птер  райхъусын кодта.

Пресснымæрдар  журналисттæн куыд загта афтæмæй,   фæнысангонд  фарстайыл   ныхасы рæстæджы  хъæуы  хъавгæдзинад, уымæн æмæ  йæ  дзырдæй,  зæг\гæ  дзырдæуы оперативон  æдасдзинады фарстатыл.

«Æххуыс Украинамæ фæцæуы, ныр уыдон исынц   ацы æххуыс  æдасдзинады секторы» – банысан кодта  Жан-Пьер.

Уый ма ныфс равдыста, цæмæй аы хæцæнгарз  Украинайы гарзджын тыхтæн баххуыс уыдзæн фронты хаххыл, цæмæй сæхи баиргъæвын бафæразой.

АИШ-ы Сенат, Украинайæн  61 миллиард  доллары бæрц  æххуысы   пакет  ивгъуыд къуырийы сфидар кодта.  Уæдмæ  америкаг  медиайы  хæлиу кодта информаци, ома  гæнæн уыдис, Украинайæн хæстæрмæгы хай  пакеты сфидар кæнынæй  иу къуырийы  æмгъуыдмæ фæхæццæ кодтаиккой.