Урс Хæдзар – Кубæйы хицауад дарддæр кæны тæссагдзинад АИШ-ы националон æдасдзинадæн, кæцыфæнды бæстæ, кæцы Гаванæмæ нефт дæтты, æмбæлдзæн экономикон фæстиуджытæм тарифты хуызы
АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ къух æрфыста æххæстгæнæн бардзырдыл, кæцыйы фæдыл ног тарифтæ æвæрд цæуынц уыцы бæстæты товартæн, кæцытæ дарддæр кæнынц нефт æмæ нефты продуктты ифтонгад Кубæйæн.
«Кубæйы хицауад дарддæр кæны тæссагдзинад АИШ-ы националон æдасдзинадæн. Мах нæ ратдзыстæм фадат фæсарæйнаг бæстæтæн æххуыс кæной ацы режимæн æнæмæнгхъæугæ энергетикон ресурстæй сифтонг кæнгæйæ. Нырæй фæстæмæ цыфæнды бæстæ, кæцы нефтæй ифтонг кæны Гаванæмæ, æмбæлдзæн экономикон фæстиуджытæм АИШ-мæ ласт товартæн тарифты хуызы» – ис фыст Урс Хæдзары расидæны.
Урс Хæдзар банысан кæны, цæмæй ацы арæнæвæрдтæ хаудзысты алы уыцы бæстæмæ, æнæ æнæуый дæр, кæцытæ дарддæр кæнынц æмгуыстад Кубаимæ энергетикæйы фарстаты фæдыл.
Зæгъæм, цалдæр боны размæ Трамп загъта, зæгъгæ, «Кубæ тагъд ныппырх уыдзæн» æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Венесуэлæ, кæддæр сакъадахы сæйраг нефты æрвитæггаг, нал æрвиты Кубæмæ нæдæр нефт, нæдæр æхца.
Financial Times куыд хъусын кæны, афтæмæй Кубæйæн баззад 15-20 боны бæрц нефты резервтæ, ныртæккæйы хардз æмæ мидæггагон рауагъды æмвæзадмæ гæсгæ.