Украинайы генштабы хъусинагæй, уырыссаг æфсæддæ  æххæст кæнынц бырсæн операцитæ  Бахмуты, Авдеевкæ æмæ Лиманы  æрдæм
Украинайы генштабы хъусинагæй, уырыссаг æфсæддæ æххæст кæнынц бырсæн операцитæ Бахмуты, Авдеевкæ æмæ Лиманы æрдæм

Уырыссаг  æфсæддæ æххæст  кæнынц  бырсæн операцитæ   Бахмуты, Авдеевкæйы æмæ Лиманы  æрдæмадæй;  афтæма архайынц  фæхуыздæр кæнын  сæрмагонд   тактикон позици   Купянскы  æрдæмадæй, – уый фæдыл   банысангонд у   Украинайы  æфсады  ге6нштабы  хыгъдлæвæрды, кæцыйы   украинаг   медиа  публикаци кæны.

Хыгъдлæвæрдмæ   гæсгæйæ  Уæрæсейы  Федераци  йæ  хъусдард цырын кæны  Донецкы зылды   администрацион  арæнтæ бацахсынмæ, фæлæ йæм ницы æнтыст ис.

Украинайы   æфсады  генштабы  хъусын кæнынц, цæмæй  Укркаинайы масштабæй критикон  инфраструктурон объекттæм ныхмæлæууæджы уæлдæфон æмæ ракетон   хафты  тас  ис.  Украинайы   гарзджын тыхты  ракетон æмæ артиллерион   хайадтæ, фæстаг иу  боны мидæг   хуырыссаг   æфсæдды  дыууæ  концентрацион  зонæйыл бомбæкалд  сыххæст кодтой.