Украинайы  президенты администрацийы  хъусын кæнынц, цæмæй   хицауад  æмæ æфсæддон  къухдариуæгад  горæт Бахмуты  хъахъхъæд  адарддæр кæныны уынаффæ   рахастой
Украинайы президенты администрацийы хъусын кæнынц, цæмæй хицауад æмæ æфсæддон къухдариуæгад горæт Бахмуты хъахъхъæд адарддæр кæныны уынаффæ рахастой

Украинайы  хицауад  æмæ æфсæддон къухдариуæгад   горæт   Бахмуты  хъахъхъæд  адарддæр  кæныны фæдыл уынаффæ  рахастой, –  уый фæдыл  информацийы  Украинайы    президенты пресс-куыст  публикаци кæны.

Ахæлиугонд  фидиуæны  куыд дзырдæуы афтæмæй, зæгъгæ ацыд  рабадт, кæцыйы  хайад истой  Украинайы   президент  Володимир  Зеленски æмæ Украинайы  гарзджын тыхты    сæргълæууæг   Валери Залужный.  Фæнысангонд рабадтыл  аскуыддзаг ис, цæмæй  Украина адарддæр кæндзæн Бахмуты  хъахъхъæнын æмæ стынг  кæндзæн йæ позицитæ ацы  горæты.   Ацы уынаффæимæ сразы ис  йæхæдæг Валерий Залужный.

Уæдмæ немыцаг   таблоид  «Бильд»   фехъусын кодта, ома Бахмуты  хъахъхъæд адарддæр кæныны фæдыл   президент Зеленскийы æмæ гарзджын тыхты   сæргълæууæг Залужныйы  æхсæн хъуыдыты  хъауджыдзинад уыд .

Медиайы  хъусинагæй,   Залужны  цæттæ  уыд, горæтæй  æфсæддæтты ракæнынмæ, æрмæст Зеленски йæм Бьахмуты  хъахъхъæдмæ сидтис.