Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг – Киев, Вильнюсы НАТО-йы саммит æнтыстджыныл банымайдзæн, кæд æмæ альянс хъæддых къахдзæф сараздзæн Укринайы НАТОй-йы уæнгсуæвыны дырыс алгоритм сбæрæг кæнынæн
Киев Вильнюсы НАТО-йы саммиты æнтыстджыныл банымайдзæн, кæд альянс хъæддых къахдзæф сараздзæн Украинайы НАТО-йы уæнгсуæвыны дырыс алгоритм сбæрæг кæнынæн. Украинаг медиайы хъусинагæй, уый фæдыл райхъусын кодта Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Евгени Перебийнис Киевы цæугæ конференцийы номхуындæй – «Украина æмæ НАТО Вильнюсы саммиты размæ».
Министры хæдивæгы дзырдæй, зæгъгæ уый æмбарынад, ома Украинайы НАТО-йы уæнгсуæын æнæфæзилгæ у, гæнæн ис деэскалацийæн ахъаззаг уа, уымæн æмæ Уæрæсе хæстмæ формалон æфсон фесафдзæн.
«Дефакто Украина нырид у НАТО-йы уæнг æмæ эффективонæй хъахъхъæны хурыскæсæны фланг. Ацы реалондзинад банымадæн, хъæуы уыцы таурæгътыл нæзагъд ракæнын, кæцыты Уæрæсе азты дæргъы хæлиу кодта НАТО-ы уæнгты æхсæн, ома НАТО-йы Украинайы уæнгдзинад у сырх хаххытæй сегасдæр бæзджын. Уый уырыссаг шантажыл фæтыхуыны фадат ратдзæн» – банысан кодта Перебийнис.