Украина Хъырымы  донбылы цур  Уæрæсейы  Сау Денджызы  флоты патрулон нау «Сергей Котовы» скуынæг кодта
Украина Хъырымы донбылы цур Уæрæсейы Сау Денджызы флоты патрулон нау «Сергей Котовы» скуынæг кодта

Украина  Хъырымы  донбылыл Уæрæсейы Сау денджызы  флоты  патрулон  нау «Сергей Котовы» скуынæг кодта.  Украинаг  медиайы  информацийæ, спецопераци  Украинайы  хъаъхъæнынады  министрады   рагысгарыны  сæйраг уагдон  æмæ Укранайы  æфсады  æфсæддон-денджызон  тыхтæ  иуæймагæй  ауагъдтой.

Уырыссаг  наудыл  бырст украинæйы конд  денджызон æнæпилот  аппаратæй, «Магура ви-05»-æй сыххæст ис, кæцыйы фæстæ патрулон   науæн æртæ  фарсы базиан ис.

Уырыссаг  наумæ бырст  Керчы  бакæлæны цур уыд.  Дæлдонгонд науы аргъ,  65 милуан доллары бæрц у.