Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг – Киев, Вильнюсы НАТО-йы  саммит  æнтыстджыныл банымайдзæн, кæд æмæ альянс хъæддых къахдзæф сараздзæн Укринайы  НАТОй-йы уæнгсуæвыны дырыс алгоритм  сбæрæг кæнынæн

Киев Вильнюсы  НАТО-йы   саммиты æнтыстджыныл банымайдзæн, кæд альянс  хъæддых  къахдзæф сараздзæн   Украинайы НАТО-йы  уæнгсуæвыны  дырыс  алгоритм сбæрæг кæнынæн.  Украинаг медиайы  хъусинагæй,  уый фæдыл райхъусын кодта Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæг  Евгени  Перебийнис Киевы цæугæ  конференцийы   номхуындæй – «Украина æмæ НАТО Вильнюсы саммиты размæ».

Министры  хæдивæгы дзырдæй,  зæгъгæ уый æмбарынад, ома Украинайы НАТО-йы  уæнгсуæын  æнæфæзилгæ  у,  гæнæн ис   деэскалацийæн  ахъаззаг уа, уымæн æмæ  Уæрæсе хæстмæ формалон  æфсон фесафдзæн.

«Дефакто   Украина нырид у НАТО-йы уæнг æмæ  эффективонæй  хъахъхъæны  хурыскæсæны фланг. Ацы реалондзинад банымадæн, хъæуы  уыцы  таурæгътыл нæзагъд ракæнын, кæцыты  Уæрæсе азты дæргъы    хæлиу кодта  НАТО-ы  уæнгты æхсæн, ома НАТО-йы  Украинайы  уæнгдзинад у сырх хаххытæй сегасдæр бæзджын. Уый уырыссаг  шантажыл фæтыхуыны фадат ратдзæн» –   банысан кодта Перебийнис.