Европæйы фарстаты Францы паддзахадон министр – разы стæм комиссийы рекомендацитимæ Украина æмæ Молдовæйы фæдыл, афтæма Гуырдзыстонæн кандидаты статусы алæвæрды фæдыл
Европæйы фарстаты Францы паддзахадон министр – разы стæм комиссийы рекомендацитимæ Украина æмæ Молдовæйы фæдыл, афтæма Гуырдзыстонæн кандидаты статусы алæвæрды фæдыл

Разы стæм  комиссийы рекомендацитимæ Украина æмæ Молдовæйы фæдыл, афтæма Гуырдзыстонæн кандидаты статус алæврды фæдыл – райхъусын кодта Европæйы фарстаты Францы падздахадон министр Лоренс Бун.

Йæ дзырдæй зæгъгæ,  Евроцæдисы ауæрæх  фидан сигнал уыдзæн Уæрæсейæн.

«Ауæрæх фыццаджы дæр  континенты  æдасдзинад æмæ стабилондзинад у.  Уый у иттæг тыхджын  сигналы арвыст Уæрæсемæ, ома  2088 кæнæ 2014 азы  цы æрцыд уый мауал хъуамæ сфæлхатт уа… уый тыххæй  цæмæй  мах  ныр ауæрæхы кой кæнæм, разы стæм  комиссийы  рекомендацитимæ  Украина æмæ Молдовæйы фæдыл. Украина æмæ Молдовæ стыр тыхархайд  скодтой æмæ сын ис егъау прогресс. Мах  афтæдæр  разы стæм Гуырдзыстонæн кандидаты статус алæвæрдимæ» –  райхусын кодта  Лоренс Бун.