Америкаг медиайы хъусинагæй, АИШ-ы президенты администраци Украинайæн ног, дардмæ архайæг баллистикон ракетæтæ алæвæрдыл кусы
Америкаг медиайы хъусинагæй, АИШ-ы президенты администраци Украинайæн ног, дардмæ архайæг баллистикон ракетæтæ алæвæрдыл кусы

АИШ-ы президенты  администраци  Украинайæн ног,  тыхджын, дардмæ  архайæг   баллистикон  ракетæты  алæвæрдыл  кусы.  Америкаг  меиа  бæстæйы хицауады минæварадыл  æнцойæ фыссы, цæмæй  «Атакамсы» типы  ракетон  системæты ног верси  Украинайæн ратдзæн фадат  ныххафа  уырыссаг нысæнттæ Хъырымы  æрдæгсакъадахыл, стæр дæрццæгыл.

Америкаг   бæрзонд гæстæ хъусын кæнынц, цæмæй Конгресс  кæд сбæлвырд кæндæн Украинайы финансдзинады фæфылдæр, Иугонд Штаттæ  гæнæн ис   бахæсса дæргъвæтин  «Атакамсы» системæтæ  æфсæддон  æххуысы  иуæй-иу  фыццаг   акетмæ.  Официалон  уæнгты хъусинагæй, АИШ-мæ афтæдæр цæттæ сты хæстæрмæджытæ æмæ артиллери  æнæаргъæвгææ арвитынæн.

Параллелонæй  бæрæг ссис, цæмæй Украинайы уæлдæфон  иргъæфы тыхтæ  хурыскæсæны æрдæмадыл   дыууæ уырыссаг   æфсæддон хæдтæхæгы æрыппæрстой.   Адон сты «Су-34»-ы типы  куынæггæгæнæг-бомбæкалæг æмæ «Су-35С»-ы типы куынæггæнæг.