Украинайы æмæ Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрадтæ æнæпилот тæхæн аппараттæй бырсты фæдыл информаци хъусын кæнынц
Украинайы æмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрадтæ æнæпилот тæхæн аппараттæй бырсты фæдыл информаци хъусын кæнынц

Украинайы æмæ Уæрæсейы  æнæпилот  тæхæн аппараттæй  бырсты фæдыл  хъусинæгтæ  хæлиу кæнынц.

Украинайы  гарзджын  тыхты генштабы райхъусын кодтой, цæмæй  знон æхсæв  Уæрæсе  Украинайы  æрдæм 46 æнæпилот тæхæн апарат  ауагъдта. Уыдонæй  32  укриаинаг æфсæддæттæ  æрыппæрстой.

Афтæма сæ хъусинагæй, Уæрæсейы  уагъд  дронтæ  Украинайы территорийыл  знон 19:00 сахатæй  фæзындысты.æнæпилот тæхæн аппараттæй  бырсты   нысан ссис Одессæйы, Хмельницкийы æмæ Днепротпетровскы  зылдтæ.

Украинайы  генштабы æмбарын кæнынц, цæмæй  уыцы дронтæ, кæцыты  æрыппарын  сæ бон нæ бацис  украинаг æфсæддæн, бырст сыххæст кодтой  фронты хаххыл  уæвæг  территорийыл, сæрмагондæй та  Херсоны зылдыл.

Параллелонæй Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй  Ростовы æмæ  Белгороды зылдты æрыппæрстой  украинаг дронтæ.