Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Калининграды облæсты æмæ Уæрæсейы  иннæ территорийы æхсæн  Лиетувæйы уылты  уаргъты  транзит  æххæст бæрцæ  куы не  сног уа, уæд  Уæрæсе националон интерестæ бахъахъхъæнын  бацархайдзæн
Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Калининграды облæсты æмæ Уæрæсейы иннæ территорийы æхсæн Лиетувæйы уылты уаргъты транзит æххæст бæрцæ куы не сног уа, уæд Уæрæсе националон интерестæ бахъахъхъæнын бацархайдзæн

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй  Калининграды Облæсты æмæ   Уæрæсейы  иннæ территорийы æхсæн  Лиетувæйы уылты  уаргъты  транзит  æххæст бæрцæ  куы не  сног уа, уæд  Уæрæсе  дзуаппон каъхдзæфтæй  архайдзæн.

«Æввахс рæстæджы Калининграды  Облæсты æмæ   Уæрæсейы  иннæ территорийы æхсæн  Лиетувæйы уылты  уаргъты  транзит  æххæст бæрцæ  куы не  сног уа, уæд  Уæрæсе  йæхимæ  уадзы бар,  бацархайæт  националон интерестæ  бахъахъъхæнынæн –   дзырæдуы  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.

Агентад «Ройтеры»  хъусинагæй,   Лиетувæйы  уынаффæйæ,  бæстæйы территорийыл фæтобæ ис  уыцы продукцийы  транзит, кæцыйы ныхмæ  Евроцæдис сфидар кодта санкцитæ.  Сæ нымæцы фæтобæ ис  дурæвзалыйы,   згъæрты,  арæзтадон æрмæджыты  æмæ   ног  технологиты   транспортаци. Медиа хъусын  кæцы,ц æмæй Кремлы  Лиетувæйы  уынаффæ  схуыдтой  прецедент  цæмæн нæй  ахæмæй.

«Хъуыды кæнæм, цæмæй   уый у æнæлегалон.  Серьозон ситуаци у, кæцыйы бацахуыр кæнын хъæуы» –   райхъусын кодта Уæрæсейы презерденты  преснымæрдар.

Калининграды Облæст, Польшæ æмæ Лиетувæйы æхсæн ис æмæ йæ Уæрæсе ифтонг кæны   Лиетувæйы  территорийы уылты æфсæнвæндагæй  æмæ  хæтæлвæдтæй.