Трампы æмæ Назарбаевы фембæлды рæстæджы æркæсдзысты Сирийы æмæ Афгъанистаны уæвæг уавæр

Сирийы  æмæ Афгъанистаны уæвæг уавæры, афтæдæр   Уæрæсеимæ ахастытæ æркæсдзысты  Вашингтоны АИШ-ы æмæ Хъазахстаны  президентты фембæлдыл.

Хъазахстаны   президенты  пресс-куысты  информацийæ,   Нурсултан  Назарбаев  АИШ-æм  16-18 январы ныццæудзæн.

Трамп  æмæ Назарбаев  дыууæ бæстæйы æхсæн   уæвæг  базарадон-экономикон  уавæры æрдæм раздахдзысты  хъусдард.  АИШ- Хъазахстанæн у иуæй-иу  ставддæр  базарадон-экономикон æмæ инвестицион   партнер. Дыууæ  бæстæ  банысан кæнынц  дипломативон ахастыты  бындурæвæрды 26 азысæр.