Тбилисы мэрийы проект «Тбилисы  уæларвы  бын»  райдайдзæн Куадзæны бæрæгбоны фæстæ
Тбилисы мэрийы проект «Тбилисы уæларвы бын» райдайдзæн Куадзæны бæрæгбоны фæстæ

Сæйраг горæты мэрийы  проект «Тбилисы  уæларвы  бын», кæцы пандемийы  тыххæй   урæд уыд, Куадзæны  бæрæгбоны  фæстæ  сног уыдзæни.  Уый фæдыл  Каха Каладзе  социалон хызаджы видео-сидты рæстæджы  фехъусын кодта.

Афæтма  йæ дзырдæй,  зæгъгæ Тбилисы  æвзæрст уыдзæн конкретон бынæттæ, цы ран алы сабат-хуыцаубон гуырдзыйаг  эстрадайы   сталыты  концерттæ цæудзæн.

«Ацы мадзæлттæ гæнæн ис уа  Тбилисы  æндæр æмæ æндæр сыхты  æмæ тыгъдадты, цæмæй  куыд гæнæн ис афтæ фылдæр  адæймаг баиу уа  æмæ масштабон суа.  Уый æддæмæ ма,  баххуыс уыдзыстæм  ацы  сферæйы минæвæрттæн, кæцытæн пандемий серьозон  знаггад ракодта.  Адæмæн дæр, цæй зæгъын æй хъæуы, ахæм мадзæттæ  æхсызгон уыдзæн, уымæн æмæ фæстаг дыууæ азы  дæргъы  уыд  бирæ  тобæ.  Уый тыххæй абон ацы  проекты  сыххæст у иттæг нысаниуæгджын» – райхъусын кодта сæйраг горæты мэр.

Проект, «Тбилисы уæларвы бын»,  сæйраг  горæты мэри 2018 азы  райдыдта æмæ уый  гом тыгъдадты æмæ  паркты  массон  культурон мадзæлттæ ауадзын дары йæ хъуыдыйы.