Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Таджикистаны президент Эмомали Рахмонимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Таджикистаны президент Эмомали Рахмонимæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Таджикистаны президент Эмомали Рахмонимæ фембæлд.

Гуырдзыстоны хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй хицауады сæргълæууæг бузныг загъта республикæйы президентæн хъарм уазæгуарзондзинады тыххæй æмæ равдыста ныфс, цæмæй фыццаг визит уæлдæр æмвæзадыл дывæрсыг æмгуыстад гъæдджынæй ног къæпхæнмæ ахæсдзæн.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, уæрæхгонд форматы фембæлдыл фарсытæ хъусдард аздæхтой дыууæфарсон æмахастыты размæцыды уæвæг перспективæтæм, афтæ дæр регионалон æмæ æхсæнадæмон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фарстытæм.

Уымæй дарддæр ма, ныхас баххæсыд базарадон-экономикон æмкуыстдзинады фæарфдæр кæныны æмæ транспортон-логистикæйы секторы партнердзинады рæзын кæныны нысаниуæгыл.

Фарсытæ ма æруынаффæ кодтой культурон, гуманитарон æмæ туристон сферæты æмгуыстадыл, кæцытæ ахъаз уыдзысты адæмы æхсæн бастдзинæдтæ фæарфдæр кæнынæн.

Фембæлды фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе æмæ Таджикистаны президент Эмомали Рахмон райстой иумæйаг коммюнике дыууæ бæстæйы æхсæн æмахастыты дарддæры рæзт æмæ фæтыхджындæр кæныны фæдыл.