Ираклий Къобахидзе - Уæвæг ахастытæ хынцгæйæ, Гуырдзыстон Хъыргъызстан нымайы æрмæст нысаниуæгджын æмæ æууæнкджын партнерыл нæ фæлæ ма куыд хæларыл дæр
Уæвæг политикон æмæ экономикон ахастытæ хынцгæйæ, Гуырдзыстон Хъыргъызстан нымайы æрмæст ахсджиаг æмæ æууæнкджын партнерыл нæ, фæлæ ма куыд хæларадон паддзахадыл дæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Хъыргъыззианы президент Садыр Жапаровимæ арæзт брифингыл расидтис.
Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, абоны визит Хъыргъызстанмæ ног импульс ратдзæн гуырдзиаг-хъыргъызаг дыууæфарсон ахастытæн.
«Ныфс мæ ис æмæ уырны, цæмæй ацы визит ног импульс ратдзæн Гуырдзыстон æмæ Хъыргъызстаны æхсæн дыууæфарсон ахастытæн.Махæн уыд тынг цымыдисон, мидисджын ныхас дыууæфарсон ахастыты фæдыл, афтæ дæр æрдзырдтам регионалон æмæ æхсæнадæмон боны фæткы æндæр æмæ æндæр фарстатыл.Нысаниуæг у, цæмæй Хъыргъыстаны президент æмæ мæхæдæг дæр иумæйаг фидиуæныл къухтæ æрфыстой, афтæ дæр æввахс документтæ сараздзысты æмбæлон уавæртæ фидæны æмгуыстад.
Уæрæхгонд форматы фембæлды фæлгæтты, мах ныхас кодтам гуырдзиаг-хъыргъызаг æмгуыстады уæрæх спектрыл, афтæ дæр регионалон æмæ глобалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фарстатыл.
Дыууæварсон ахастыты боны фæткы фарстатыл æруынаффæ кæнгæйæ, уæлдай хъусдард аздæхтам дывæрсыг базарадон-экономикон æмархайд æмæ йæ дарддæры рæзты нысаниуæгмæ. Банысан ис, цæмæй ацы æмкуысткæнынады рæзтæн стыр потенциал ис», -расидтис Ираклий Къобахидзе.