Ираклий Къобахидзе - Таджикистаны визиты рæстæджы иумæйаг коммюнике æмæ къорд дывæрсыг документыл къухтæ æрфыстой, кæцытæ ахъаз уыдзысты нæ æмгуыстады фæарфдæр кæнынæн
Ираклий Къобахидзе - Таджикистаны визиты рæстæджы иумæйаг коммюнике æмæ къорд дывæрсыг документыл къухтæ æрфыстой, кæцытæ ахъаз уыдзысты нæ æмгуыстады фæарфдæр кæнынæн

“Уырны мæ, цæмæй ацы визит гуырдзиаг-таджикайнаг дыууæфарсон ахастытæ ног æмвæзадмæ схиздзæн. Визиты рæстæджы бафыстой иумæйаг коммюнике æмæ къорд дыууæфарсон документ, кæцытæ ахъаз уыдзысты нæ æмкуыстдзинады фæарфдæр кæнынæн” -расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Таджикистаны президент Эмомали Рахмонимæ иумæ уагъд брифингыл.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, президентимæ фембæлды рæстæджы дывæрсыг æмкуыстдзинады æндæр æмæ æндæр фарстатыл бакастысты, се æхсæн Гуырдзыстон æмæ Таджикистаны æхсæнадæмон организациты фæлгæтты æмкуыстдзинад.

“Ӕхсызгон мын у абон Таджикистаны республикӕйы официалон визиты кӕй дӕн. Фӕнды мӕ банысан кӕнын, нӕ адӕмтӕ ӕмӕ нӕ бӕстӕтӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕныныл бындуриуӕггӕнгӕ историон ӕгъдауӕй сӕрмагонд ахастдзинӕдтыл баст кӕй сты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, абон Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй фыццаг бӕрзонд ӕмвӕзады визит банысан ис Таджикистаны республикӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, ацы визит йӕ мидисмӕ гӕсгӕ нымад ӕрцӕудзӕн историоныл. Уырны мæ, ацы визит Гуырдзыстоны-Таджикистаны дыууӕфарсон ахастытӕ ног ӕмвӕзадмӕ кӕй ахӕсдзӕн. тынг цымыдис кæнынц нæ ахастытæ æмæ хæлардзинад ноджы фæарфдæр кæнынмæ.

Балцы рæстæджы бафыстæуыд иумæйаг коммюнике æмæ къорд дывæрсыг документтæ, кæцытæ ноджы фæарфдæр кæндзысты нæ æмгуыстад.

Мæнæн стыр кад уыд абон президент Рахмонимæ фембæлын. Тынг цымыдисон ныхас нæм уыд дывæрсыг æмгуыстады алыгъуызон фарстыты фæдыл. Ацы аз ТРХ бæрæг кæны хæдбардзинады 35 азы юбилей. Фæнды мæ зæрдæбын арфæтæ фæхæццæ кæнон æмæ дæуæн æмæ хæларзæрдæ таджикаг адæмæн сабырдзинад, фæрныгад, æмæ дарддæры æнтыстытæ мæ зæрдæ зæгъы.

Уавæрæй спайда кæнын æмæ ноджы иу хатт бузныджы ныхæстæ зæгъын ТРХ-йы хицауадæн, кæй æххуыс кæнынц Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинадæн йæ дунеон нымад арæнты фæлгæтты. Абон мах æруынаффæ кодтам æмкуыстдзинады æндæр æмæ æндæр аспекттыл, се æхсæн Гуырдзыстон æмæ Таджикистаны æхсæн æхсæнадæмон организациты фæлгæтты æмкуыстдзинад æмæ расидтæм нæ цæттæдзинад фидæны дæр адарддæр кæнæм активон æмкуысткæнынад ацы фадыджы», – банысан кодта премьер-министр.