Сырх Дзуары хъусын кæнынц, цæмæй Арчил Татунашвилийы буары радæттыны фарстыл уагъд цæуынц бадзырдтæ
Сырх Дзуар цæттæ у, райса хайад Арчил Татунашвлийы буары раласыны – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта, Гуырдзыстоны Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты къухдариуæггæнæджы уынаффæгæнæг Диана Джапаридзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырид цæуынц бадзырдтæ æмбæлон уагдæттимæ, фæлæ бадзырдты мидис ацы рæстæгмæ у конфиденуциалон, афтæдæр конфиденциалон информаци у уый фæдыл, цæмæй кæд æрцæудзæн конкретонæй буары ралæвæрд.
Æхсæнадæмон организаци Сырх Дзуар æфтауцæй детæлттыл комментарийы æнхъæлцау бадзырдты фæуды фæстæ сараздзæн.