Стыр Британийы æмбæстагы марындзинады фактыл, зылынмæ лæвæрдтæн, 20 æмæ 21 азæй ахст стæрхон ис
Гуры районон тæрхондон æххæстæй сразы ис прокуратурæйы бавдыст бæлвырдгæнæнтимæ æмæ Британйиы æмбæстагы къордонæй, уый бастигъыны нысанæн амарыны, афтæма къордонæй бастигъыны зылынмæ лæвæрд уæнгты 20 æмæ 21 азæй, æрмæст сæрмагондæй уæззау фыдракæнд бамбæхсыны тыххæй зылынмæ лæвæрдæн та 6 азæй ахст стæрхон кодта – уый фæдыл информаци, хъусын кæны прокуратурæ.
Фæдагурæг уагдоны хъусинагæй, тæрхоны процессы рæстæдж бацахуыргонд бæлвырдгæнæнтæй сбæрæги, цæмй 2021 азы 7 октябры, Гуры, цыппар уæнгы, сæ нымæцы иу æнахъом, балæбурдтой Стыр Британийы æмбæстагмæ, байстой йын йæ телефон, банкон пластикон картæ æмæ æхца.
«Фæнысангонды фæстæ зылынмæ лæвæрдтæ, фыдракæнд бамбæхсыны нысанæн, зианбавзарæгы фыднад скодтой æмæ стæй Куары фæдæлдон кодтой.
Барадхъахъъхæнджытæ зылынмæ лæвæрд сæ фондз гоймагы дæр 10 октябры æрцахстой. Гуры районон тæрхондон зылынджынтыл банымадта сæ фондз дæр. Уæззау аууæлтты барæй марынзинады, афтæма къордонæй бастигъыны тыххæй, зылынмæ лæвæрд уæнгтæн 20 æмæ 21 азæй, æрмæст сæрмагондæй уæззау фыдракæнд бамбæхсыны тыххæй зылынмæ лæвæрдæн та 6 азæй ахст стæрхон кодта. Æнахъом зылынмæ лæвæрдæн уынаффæ снысан кæнынæн рабадт, æнахъомты расттæрхоны кодексы æркуырдтæм æмбæлгæйæ, тæрхон рахæссынæй 7 боны æмгъуыдмæ ацæудзæн» – банысангонд у прокуратурæйы информацийы.