Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр  Израилмæ ныццыд
Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр Израилмæ ныццыд

Стыр Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр   Джеймс Клеверли   Израилмæ ныццыд.

Информаци хъусын кæны «Ройтер».

«Фæсарæн хъуыддæгты министр абон Израилмæ ныццыд  цæмæй  равдиса   Стыр Британийы  æнæцудгæ солидарондзинад израилаг адæмæн, «Хамасы»  террористон   бырстыты  фæстæ» – фехъусын кодта  æддагполитикон уагдоны  минæвар.

«Ройтер» куыд фыссы  афтæмæй,  Стыр Британи йæ ныгуылæйнаг  æмцæдисонтимæ иумæ, хъæддых фарсхæцын   равдыста Израилæнæмæ бафаудта  «Хамасы»  бырстытæ.

Уæдмæ «ВВС»   ахæлиу кодта информаци, цæмæй  Израилы  Стыр Британийы  17  æмбæстаг амард.